Намысы аллейы бындуронæй цалцæг кæнынц цыртдзæвæн “Послы императрицы”

Аватар автора
IRYSTONTV
Сценæ рухс кæнынц æрмæст урс æмæ цъæх цырæгътæ. Ахæм удæнцой æмæ сабыр уавæрты хъуысынц се &уарзон ирон адæмон зарджытæ. Нæлгоймæгты зæрдæмæхъаргæ хъæлæстæ баиу сты дала æмæ ирон фæндырты зæлтимæ. Зæрдæйæн æхцондзинад хæссы национ уæлæдарæс дæр. Хуссар Ирыстоны президенты цур ирон национ зарæджы Паддзахадон хор йæ 20 азы юбилеймæ Дзæуджыхъæуы аивадуарзджыты размæ фыццаг хатт рацыд. Композициты фæрцы адæмы базонгæ кодтой нæ адæмы культурæ, æгъдæуттæ æмæ царды фæткимæ. Концерттæ арæхдæр вæййынц хореографион номыртимæ, фæлæ ацы хатт уæлдай æргом аздæхтой музыкалон хаймæ. Къорды аивадон разамонæг Къæбысты Сæрмæт куыд зæгъы, афтæмæй Вахтанговы хæдзары концерт дæттын уæлдай бæрнон хæс у. Программæйыл коллектив бирæ рæстæг куыста. Архайдтой йæ аив æмæ хъæздыг скæныныл. Бахастой йæм аргъуаны уацмыстæ, уыдон кæддæр ратæлмац кодта хоры бындурæвæрæг Дзаттиаты Анисим. Дирежер Гаглойты Арлан хоры ис ныр фæндзæм аз. Иумæйаг æмæ дæсны архайдæн хъæуы бæрнондзинад, æмæ, æнæмæнг, зарæггæнджыты &хорз ахастдзинæдтæ. Арланы ныхасмæ гæсгæ, къорды иууылдæр æмгæрттæ сты æмæ се &æмбарынад ис. Культурон æмгуыстад дарддæр фидар кæнын фæнд кæнынц. Уыимæ ма майы хор фыццаг хатт архайдзæн Гергиты Валерийы Куадзæны фестивалы. Къордæн уый ахсджиаг æмæ æхсызгон цау у. Программæмæ бахæсдзысты уырыссаг, кавказаг, хъæбатырты, адæмон зарджытæ æмæ аргъуаны уацмыстæ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0