Хетæгаты Къостайы хæдзар-музейы ацыдысты бæрæгбоны мадзæлттæ

Аватар автора
IRYSTONTV
Дзæуджыхъæуы Хетæгаты Къостайы хæдзар-музейы ацыдысты бæрæгбоны мадзæлттæ. Мадзалмæ бæрнон цæстæй ракастысты куыд музейы кусджытæ, афтæ мадзалы архайджытæ. Дзæуджыхъæуы скъолаты ахуырдзаутæ радзырдтой Къостайы фыст уацмыстæ. Уыдоны хыгъды ма рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ дæр литературон-музыкалон композици «Коста-детям»-ы фæлгæты радзырдтой Къостайы фыст æмдзæвгæтæ. Уазджытæн равдыстой Къостайы уацмыс «Сидзæргæс»-ы бындурыл театралон равдыст. Уымæй уæлдай ма Аивæдты колледжы студентты куыстыты равдыст дæр. Мадзалы сæрмагонд уазæг — Ногиры 2 скъолайы ирон æвзаг æмæ литерæтуæйы ахуыргæнæг Хуыбецты Эллæ. Уазджытæн «æгас цæуай» загъта национ музейы директор Цуциты Аслан. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ бацархайдтой акци «Кленовый лист»-ы. Тæгæр бæласы сыфтыл фыст уыд Къостайы æмдзæвгæты скъуыдзæгтæ. Къостайы уацмыстимæ сабиты зонгæ кæнын райдайынц сæ гыццылæй нырмæ. _________________________ Мы рядом в:

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0