Журнал «Мах дуг» радта фыдыбӕстӕйы стыр хӕст салдаты сӕфт фыстӕг йӕ бинонтӕн

Аватар автора
Салдаты конверт — фронтӕй хабар фехъусын кӕныны иунӕг мадзал. Хӕсты 4 азы дӕргъы советон хӕстонтӕ арвыстой 2 миллиард фыстæгæй фылдӕр. Диссаг у, иуӕй-иутӕ сæ нырма абон ссарынц кæмæ 'рвыст сты, уыдоны. Æрæджы Касаты Аслӕнбегыл ӕрцыд диссаджы цау. 6 азы размæ йын цы журналтæ балæвар кодтой, уыдонæй иу рафæлдæхта — «Мах дуджы» рагон рауагъд, æнусы 'рдæгæй йыл фылдæр цæуы. Сыфты 'хсæн разынд ӕнахуыр ссарӕггаг. Бурбын сыфыл Аслӕнбег раиртӕста ӕрвитӕджы адрис ӕмӕ ном, фæлæ йæ дарддæр нал бакаст. Уый дæр фаг уыд адресаты ссарынæн. Сæтты, райдианы йын зын кæй уыд фыстӕг раттын. Ахæм «хæзнайыл» лæг арæх нæ амбæлы. Хетӕгкаты Оксанӕ куыд зæгъы, афтæмæй журналы историйы ахӕм цау фыццаг у. Хабар Аслӕнбегӕй куы фехъуыста, уӕд уайтагъд загъта — историон рӕстдзинадæн æнæ 'рцæугæ нæй. Фыстӕг æрвыст æрцыд 1944-ӕм азы цыппурсы мӕйы 10-ӕм бон. Ацы аз ыл ӕххӕст кæны 82 азы. Солтанты Гахарман æй йæ бинойнаг Жюримæ æрвыста. Ӕнусы ӕмбисӕй фылдӕр фронтӕй хабар ӕнхъӕлмӕ каст йӕ сахатмӕ. Салдаты хӕстӕджыты ссарын ӕнцон нӕ уыд. Хъуыддаг къухы бафтыд социалон хызты фӕрцы. Солтанты Иринӕ — уыцы Гахарман æмæ Жюрийы хъӕбулы хъӕбул. Зӕгъы, ссарӕггаджы хабар куы базыдта, уæд йӕ цӕссыгтӕ бауромын йӕ бон нæ баци. Ӕнӕнхъӕлӕджы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тынг зынаргъ лӕвар 9-ӕм маймӕ. Ныр Солтантæ цӕстыгагуыйау хъахъхъӕндзысты фыстæг ӕмӕ йæ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дæтдзысты.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0