Сывæллæтты 85-æм рæвдауæндоны ацыд спектакль "Книга желаний"

Аватар автора
IRYSTONTV
Æстай фæндзæм сывæллæтты рæвдауæндоны равдыстой спектакль "Книга желаний". Ныййарджытимæ иумæ йæ бацæттæ кодта Уæрæсейы ахуырады нымад кусæг Нина Семенова. Театр "Цветочный город" аивадуарзджыты сбуц кодта ирд равдыстæй. Архайдтой дзы цæттæгæнæн къорды æвддæс сывæллоны. Уазджытæ та систы кæстæр кары хъомылгæнинæгтæ, педагогтæ æмæ æвзонг артистты хиуæттæ. Режиссер-æвæрæг Нина Семенова фæнысан кодта, сывæллæттæ сфæлдыстады архайынц сæ уæгъд рæстæг. Коллективæн ацы сценикон мадзал дыккаг у. Премьерæ уыд афæдз размæ. Ныр командæ фæнд кæны гастрольты иннæ рæвдауæндæттæм ацæуын.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0