Горæт Минеральные Водыйы райдыдта Кавказаг инвестицион форум. Абон у егъау фӕзы куысты фыццаг бон

Аватар автора
Горæт Минеральные Водыйы райдыдта Кавказаг инвестицион форум. Абон у егъау фӕзы куысты фыццаг бон. Разӕй — мидисджын хъуыддаджы программӕ: федералон партнертимӕ фембӕлдтытӕ, сӕйраг проекттыл ӕрныхас кӕнын ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕн ахсджиаг бадзырдтӕ бафыссын. {ЗК} Нӕ делегаци дӕр цӕттӕ у пайдайаг куыстмӕ. Йæ телеграм-каналы республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло форумы архайджыты се 'ппӕты дӕр фӕхуыдта регионалон стенд бабӕрӕг кӕнынмӕ. У ирд, Ирыстоны куыд æмбæлы, афтæ — уазӕгуарзон. Регионы разамонӕг бахахх кодта, республикӕ ӕмгуыстадмӕ цæттæ кӕй у ӕмӕ форумы кӕй ӕвдисы йӕ хуыздӕр хъомыс. Бынаты ныртӕккӕ кусы не сфæлдыстадон къорд. Фыццаг фембӕлдтыты бӕлвырддзинӕдтӕ ӕмӕ, цы бадзырдтӕ бафыста Цæгат Ирыстон, уыдоны тыххæй кӕсут нӕ радон равдыстыты.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0