Абон уæрæсейы бæрæг кæнынц тренеры бон

Аватар автора
irystontv
Афтæ спортсментæ сæхи цæттæ кæнынц Уæрæсейы чемпионатмæ ушуйæ. Архайынц "таолу", зæгъгæ, хуызы. Сæ размæ ралæуд фæсивæд цæттæ кодтой сæхæдæг. Æнæмæнг зын фæзилæнтимæ. Аргъ сын кæндзæн тæрхонгæнджыты къорд. Хæцæнгæрзтæ равзæрстой дæргъæццонтæ. Фæлæ хорз арæхсынц лæдзæг, арц кæнæ цирыхъæй архайын дæр. Йæ рæстæджы ам ерыстæм цæттæ кодта фæсивæды тренер - дунейы дыууæ хатты чемпион ушуйæ Бырнацты Марк. Ныр йæ уарзон залы æппæт лыстæгдзинæдтыл дæр ахуыр кæны йæ спортсменты. Уæвгæ, залы æддæ Марк йæхи хъуыды дæр нæ кæны. Спортмæ уарзондзинад æм йæ сабийæ фæстæмæ гуырын кодта йæ фыд. Райдыдта уæгъдибар хъæбысхæстæй, фæлæ йæ æмбæрста цыдæр ын кæй нæ фаг кæны, уый. Ушуйы секцимæ бахауд æнæнхъæлæджы, æрбацыд йе &Куыд фæстиуæг, афтæ ацы спорты хуыз сси йæ царды нысан. Тренерæй кусын райдыдта æрыгонæй. 19 аздзыдæй йын уыд йæхи къордтæ. Спорты бæрзæндтæм куы схызт, уæд æй бафæндыд кæстæртæн æххуыс кæнын. Йæ хъомылгæнинæгтæ - æппæтуæрæсеон ерысты уæлахиздзаутæ. Гадайты Алыксандр ацы спорты ис гыццылæй фæстæмæ. Китайаг хъæбысхæсты аивад канд æнæниздзинад нæ хъæддых кæны, фидардæр кæны адæймаджы миддуне дæр. Гауызыл æрвыбон æмбæлынц уæгъдибар хъæбысхæсты спортсментæ дæр. Ахсджиаг у ныхмæлæууæджы раст æрцахсын, æмæ йыл афтæмæй фæуæлахиз уæвын. Афтæ тренер фæсивæдæн амоны алы лыстæгдзинад дæр, туше кæй хонынц, уыцы архайд скæнынæн. Ацы зал Наниты Маратæн сси йæ дыккаг хæдзар. 33 азы размæ йæ ардæм æрбакодта йæ фыд. Ам райста йæ фыццаг майдан дæр. Уыцы цау æй сразæнгард кодта. Дзырдæн...

Скачать Видео с Дзена / Dzen

Рекомендуем!

0/0


0/0

0/0

0/0