Агънаты Ростислав
irystontv
⚜️Сæрмагонд æфсæддон операцийы ирон лæппуты лæгдзинад æмæ сгуыхтдзинæдты тыххæй æрвылбон хъусæм. 🔸Æрæджы алагираг лæппу Агънаты Ростиславы æхсардзинады тыххæй æгас бæстæ базыдтой федералон телеканалты фæрцы. 💫Уæздан æмæ хуымæтæг. Йæ аууонæй дæр æфсæрмы кæны, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм лæппу. Кæд царды фæлмæн адæймаг у, уæддæр удæй фидар разынд. Равдыста лæгдзинад. Нæ ныууагъта тæссаг уавæры йæ æфсæддон хæлæртты. Тохы быдырæй æдас ранмæ йе &8 километры фæхаста йæ цæф æмбæлтты.