Дзытиаты Лактемыры 70 азы юбилеймæ Ирон театры ацыд мысæн изæр
irystontv
Æвæццæгæн æмæ, алы ирон адæймагæн дæр зонгæ у ацы спектальæй скъуыддзаг. Лактемыры сфæлдыстадон къæбиц у æгæрон æмæ хъæздыг. Алы спектакль æмæ кинонывы дæр актер йæ фæстæ уагъта арф æмæ ирд фæд. Хуымæтæг, зæрдæхæлар æмæ уыцы иу рæстæг йæ бон алыхуызон уæвын кæмæн уыд, ахæм æгæрон курдиаты хицау. Дзтиаты Лактемыр райгуырд Куырттаты комы 1951 азы. Йæ сабибонтæй фæстæмæ уыд аивадмæ æмхиц. Йæ кафт, зард æмæ алыхуызон равдыстытæй уарзтæ йе &хъæлдзæг кæнын. Уымæ гæсгæ, лæппу ацы фæндаг кæй равзжрста йæхицæн уый диссагдæр никæмæ фæкаст. Каст фæци Щукины номыл театралон училищайы ирон студи. 40 азæй фылдæр сценæйæ лæвар кодта адæмæн йæ зæрдæ. Уыцы æмгъуыдмæ йæ къухы бафтыд къорд сурæттæ. Уæдæ кинойы дæр сарæзта бирæ ирд сурæттæ. Йæ фыццаг кино «Пираты ХХ века». Дарддæр уыдысты «Волшебная папаха», «Мужское самолюбие», «Буйный Терек», «Диалог», «Крутизна». Фæзæгъынц, курдиатджын адæймаг алцæмæй дæр курдиатджын вæййы. Уымæн, æнæ гуырысъойæ, ирд æвдисæн Дзтиаты Лактемыр. Актер, зарæггæнæг, нывгæнæг æмæ фыссæг Дзтиаты Лактемырыл 31-æм мартъийы хъуамæ сæххæст уыдаит 70 азы. Йæ царды фылдæр цы театрæн арвыста, уым актеры юбилеймæ бацæттæ кодтой мысæн изæр. Сценæйы бæстыхайæ азæлдысты йæ уарзондæр музыкæйы зæлтæ. Йæ хиуæттæ, æмкусджытæ æмæ йæ хъæуыккæгтæ, йæ зæрдæйы алæкæмæн дæр бынат кæмæн уыцы уарзон адæм æрымысыдысты йæ царды хабæрттæ æмæ сфæлдыстад. Дзтиаты Тепсарыхъойы фырт Лактемыр цы рольтæ сарæзта, уыдон нымад сты æмæ уыдзысты ирон аивады классикæйы. Æмæ кæд йæхæдæг нал ис...