Сидт æхсæнмæ | Изæры рад
irystontv
Хъыгагæн, ныр дыккаг аз цы низы ахæсты стæм, уый нын нæ цардывæтк сæрæй-къахмæ фæфæлдæхта. Адæймаджы æнæниздзинад тæссонд у æмæ уыцы зынгмæ хи къухæй сугтæ `ппарын æнæрхъуыды ми уыдзæн. Уый хыгъд, куыд фæзминаг æмæ хъæппæрисджын, фæсивæд афтæ бавдæлдысты æмæ цавæрдæр сидтимæ рацыдысты æхсæнмæ. Цы уыдзæн уыцы хъуыддаг бæлвырддæр радзырдта æхсæнадон архайæг Бызыккаты Таймураз.