Ацы афон адæмæн уæлдай тæссагдæр вæййы джыбытæй

Аватар автора
IRYSTONTV
Бæрзонд умæлад æмæ стыр кæрдæг, ахæм бынæтты сарæх вæййынц джыбытæ. Паркты æмæ скверты тезгъо кæнгæйæ хъæуы къæрцхъус уæвын. Фæлладуадзæн бынæтты санитарон-эпидемиологон домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ сæ хъус дарынц Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы кусджытæ. Ведомствойæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй уалдзæджы райдианæй Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленимæ æрбацыдысты, джыбы кæуыл фæхæцыд, ахæм 10 адæймаджы. Уыдонæй иу уыд сывæллон. Тæссаг зулчъытæн се &ахæм у æмæ цыфæнды уæлцъарыл дæр уайтагъд сæ чысыл дзæмбытæй фæхæцынц, уæлдайдæр та адæймаджы æмæ цæрæгойты буарыл. Фылдæр хатт зианхæссæг сасчъытæ фæхæцынц буары фæлмæн хæйттыл. Специалисттæ амонынц — иугæр джыбы уæхиуыл федтат, уæд æвæстиатæй ацæут хæстæгдæр медицинон кусæндонмæ. Æппын фæстаг æй хъавгæ пинцетæй сласын, æрмæст зетийæ ма спайда кæнгæйæ. Джыбыйы куы сисынц, уæд æй арвитын хъæуы лабораторимæ. Уым раиртасдзысты, джыбы цавæр низ хæссæг у, уый. Республикæйы æппæты тæссагдæр инфекцитæ кæд парахат не сты, уæддæр саскъ кæуыл фæхæцыд, уый уавæрмæ дыууæ къуырийы дæргъы хъæуы цæст дарын. Тугцъиртæ чысылтæ сты, фæлæ сæ бон стыр зиан æрхæссын у. Хъæуы хи бахъахъхъæнын. Æрдзмæ тезгъо кæнынмæ цæугæйæ хъæуы æхгæд дзабыртæ æмæ даргъдыс уæлæдарæс скæнын. Хæдзарон цæрæгойты та сæрмагонд фæрæзтæй байсæрдын.

0/0


0/0

0/0

0/0