Дзæуджыхъæуы 19 уынджы 2026-æм сног кæндзысты дондзæуæн хызтæ

Аватар автора
IRYSTONTV
Ацы аз Дзæуджыхъæуы 19 уынджы сног кæндзысты дондзæуæн хызтæ. Специалисттæ ныридæгæн баивтой заууат хæтæлтæ Садонская æмæ Леваневскийы номыл уынгтыл. Ныртæккæ хызты 320 метры уадзынц Митькины уынджы. Доны куыстуат архайд рацаразы администрацийы пъланимæ фæндæгты цалцæджы фæдыл. Коммуникацитæ сæвæрæны фæстæ бригадтæ мæр сраст кæнынц, змис ныннæмынц, æнæпайда уæз аласынц, цæмæй куыстытæ æххæстгæнæг асфальт сæвæра.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0