Дзæуджыхъæуы уыд журнал "Мах Дуг"-ы сæрмагонд номыры презентаци

Аватар автора
IRYSTONTV
Адæмы тых - иудзинады. Национ наукон чиныгдоны уыд журнал "Мах дуг"-ы ног номыры презентаци. Журналы рацыдысты Абхазы республикæйы авторты уацмыстæ ирон æвзагмæ тæлмацæй. Ирдæй дзы равдыстой абхазаг культурæйы аивдзинад. Тæлмацыл бакуыстой - Гусалты Барис, Гæбæраты Юрий, Къадзаты Станислав, Касаты Батрадз, Касаты Аслæнбег, журналы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ. Журнал кæсджытæ хæстæгдæр базонгæ уыдзысты адæмыхатты удыхъæдимæ. Журналы тираж - мин экземпляры. Мадзалы кадджын уазæг сси Абхазы республикæйы Национ газет "Апсны"-йы сæйраг редактор, фыссæг, æхсæнадон архайæг Ахра Анкваб.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0