Дагестанæн æххуыс, студентон кусæг къордтæ æмæ фыдыуæзæгыл киноныв | Йæ рæстæгыл

Аватар автора
IRYSTONTV
Цалдæр боны размæ Дагестаныл сæмбæлд æрдзон бæллæх - дæргъвæтин къæвдаты аххосæй сæ былтæй акалдысты цæугæдæттæ, хæххон хъæутæ та бафтыдысты лами доны лæсæнты уацары. Сæдæгай адæймæгтæ цыбыр рæстæгмæ аззадысты æнæ хæдзæрттæ æмæ исбонæй. Нæ республикæ, хъыгдард чи баййæфта, уыдонмæ бадардта æххуысы къух. Куыд æмæ цы хуызы, ууыл дзырдтам нæ студийы. Уæдæ ма Ирыстоны æвзонг минæвæрттæ рæхджы абалц кæндзысты нæ бæстæйы алы рæттæм дæр. Сты студентон кусæг къордты уæнгтæ. Сæ бар сын бакæндзысты, ныртæккæ фæллойадон тыхтæ кæм нæ фаг кæны, ахæм объекттæ. Алы аз дæр фæсивæд сæхи фæзминагæй равдисынц. Æмæ нын нæ уазджытæ куыд радзырдтой, афтæ та ныр дæр республикæйы цæсгом нæ фæчъизи кæндзысты. Дзырдтам ма фыдыбæстæмæ уарзондзинадыл. Ахæм тыхджын æнкъарæны хицау у, йæ сабибонтæ Гудзаретгомы чи `рвыста, нæ равдысты уыцы уазæг. Ныртæккæ кæд Самарæйы цæры, уæддæр ма сæ хъæуыл суанг чысыл киноныв дæр систой. Кæй зæгъын æй хъæуы, профессионалон режиссертæ æмæ продюсертæ не сты. Фæлæ куыд зæрдиагæй фæкуыстой сæ видеоæрмæгыл, уымæй дæр бæрæг у - фыдыбæстæмæ уарзондзинад, зæгъгæ, ныхæстæн кæнынц стыр аргъ. Уæхæдæг уымæн æвдисæн уыдзыстут нæ комкоммæ бастдзинады фæрцы.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0