Цæгат Ирыстоны ацы афон уæлдай тæссаг вæййы джыбытæй

Аватар автора
IRYSTONTV
Ацы афон адæмæн уæлдай тæссагдæр вæййы джыбыты хæцтытæй. Уый тыххæй Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды регионалон управленийы специалисттæ зæрдыл лæууын кæнынц профилактикæйы домæнтæ. Парктæм, хъæдмæ цæугæйæ, буары хæйттæ хъуамæ уой æхгæд, хъæуы фæлурс уæлæдарæс дарын. Къахыдарæс дæр хъуамæ æхгæд уа, цæмæй суанг лыстæг джыбытæн дæр фадат ма уа буарыл ныххæцынæн. Уымæй уæлдай ма хæдзары æмæ цæхæрадоны ныппырх кæнын хъæуы сæрмагонд химион буаргъдтæ. Джыбыйы хæцты фæстæ, æнæмæнг хъæуы хæстæгдæр медицинон кусæндонмæ бацæуын. Саск буарæй хибарæй æфтауын нæ хъæуы. Уыимæ ма æрæджы нæ регионы раиртæстой чысыл цæрæгойы ног хуыз.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0