Поделиться в MAX

Цӕгат Ирыстоны цӕуынц Уӕрӕсейы национ командӕйы тренировкӕтӕ дамбацайӕ практикон ӕхстытӕй

Аватар автора
Практикон ӕхсты бирӕ хъавæн нӕй. Фехсынæн ис ӕрмӕст секунды хай. Дамбаца фелвас, ныддар, бахау. Цыфӕнды фӕстиат дӕр хæрды бынаты зайын кæны. Уый тыххæй æппӕт змӕлдтытӕ дӕр мингай хӕттыты сфӕлхатт кæнынц, цалынмæ сæ буар йæхæдæг «бахъуыды кæны», уæдмæ. Цæмæй рæдыдтытæ ма уа, уый тыххæй спортсментӕ бирӕ кусынц сæхиуыл. Мингай нӕмгуытӕ сын бахардз вæййы. Ахуыр чи нæу, уымæн хуымӕтӕг тренировкӕйы 200 гӕрахæй дæр йæ къухтӕ бафӕллайынц. Спорты мастер Савелий Варнавский ӕмӕ иугонд командӕйы иннӕ уӕнгтӕ бонмæ фæйнæ 600 ӕхстæй къаддæр нæ фæкæнынц. Уый æнцон нæу. Фӕлӕ фæсивæды уырны: ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй ис хи хорз бацӕттӕ кӕнӕн ахсджиаг ерыстӕм. Нысанмæ дӕрддзӕг æппынæдзух ивы. Спортсментӕ згъоргӕ-згъорын ӕхсынц змӕлгӕ ӕмӕ ӕндон мысантӕ. Рӕдыдтытӕ канд дардмæ хъавгæйæ нӕ вӕййы. Нæмгуытæ арӕх фӕивгъуыйынц хӕрз хӕстӕгмæ æхсгæйæ дӕр. Уый афтӕ уымæн рауайы, ӕмӕ адӕймаг йӕхиуыл ӕгӕр раджы баууæнды. 25 хуыздӕр спортсмены ӕрцыдысты ӕмбырдтӕм, цӕмӕй сахуыр уой кӕддӕриддӕр къӕрцхъус уӕвын. Ахуырты æмвæзад бӕрзонд у. Ам тренировкӕ кӕнынц ӕппӕтадӕмон къласы спорты 4 мастеры. Сæ иу — дунейы чемпион Павел Торгашов. Ӕхсы ныр 18 азы. Кӕцыфӕнды бынӕттон спортсменӕн дӕр фадат ис, цæмæй йæм бацӕуа уынаффӕмӕ. Равдисы сын, зæгъæм, дамбацайыл куыд раст хӕцын хъӕуы ӕмӕ зилгæ-зилын куыд лӕууын хъӕуы, уый. Чемпион сæтты — Ирыстонмӕ канд тренировкӕты тыххӕй не 'рбацӕуы. Командӕ Ирыстоны тренировкӕ кӕны дыккаг аз фӕд-фӕдыл. Санкциты аххосӕй ныртӕккӕ фӕсарӕйнаг балцытӕ бирӕ нӕй. Фӕлӕ спортсментӕ хъуамӕ...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0