Парти "Иугонд Уæрæсе"-йы штабы æппæтадæмон онлайн-турнир

Аватар автора
IRYSTONTV
Æппæтадæмон онлайн-турнир "цыппæрдæс æстдæс" сарæзтой "Иугонд Уæрæсе"-йы штабы. Сæргондæн нымæцтæ хуымæтæджы нæ равзæрстой - уал боны цыд Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Сæ зонындзинæдтæ сбæрæг кодтой æртын æртæ скъолайы ахуырдзаутæ. Фæсивæд ацыдысты цалдæр туры æмæ дзуæппытæ радтой дыккаг Дунеон хæсты æмæ адæмты иудзинады афæдзимæ баст фæрстытæн. Интеллектуалон марафон - ахсджиаг къæпхæн "Уæлахизы диктант"-мæ цæттæ кæнгæйæ, уый ацæудзæн апрелы кæрон. Хуыздæр архайджытæ райстой сæрмагонд лæвæрттæ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0