Паддзахадон академион ансамбль «Алан»

Аватар автора
IRYSTONTV
Цъæхилты Ларисæ ансамбльмæ рбацыд 60 азы размæ. Æвзонг чызджы курдиат раиртæста хореограф Баййаты Альбинæ æмæ йæ репетицимæ æрбахуыдта. Уæд хонгæ-кафт куыд акодта, афтæ арвыста цард дæр, мидбылхудгæйæ дзуры сылгоймаг. Уарзондзинад, зæрдæйы уаг æмæ миддунейы ахастдзинæдтæ. Кафты руаджы равдисæн ис алы æнкъарæнтæ дæр. Цæхæрцæст нæлгоймæгтæ, уæздан æмæ аив чызджыты фæлмæн къухайсты æвдыст цæуынц нæ рагфыдæлты хъæздыг культурæ æмæ æгъдæуттæ. Ансамблы истори уыд кинойы хуызæн. 1938-æм азы Мæскуыйæ ссыд Михаил Калинин. Фарныхъæуы уæд цыд хæдахуыр ансамбльты концерт. Советон цæдисы советы президиумы сæрдар дисы бацыд сæ арæзстдзинадæй. Уæлдайдæр та йæ куы базыдта æмæ сценæйыл профессионалтæ нæ уыд, фæлæ хуымæтæг кусджытæ, шахтертæ, трактористтæ, фыййæуттæ. Афтæмæй, Калинины указмæ гæсгæ æрæмбырд кодтой «Алан»-ы къорд. 1957 азы фыццаг хатт ацыд фæсарæнтæм. Коллектив Германийы йæхи равдыста æнтыстджынæй. 1979 азы та ансамблы ном айхъуыст æппæт дунейыл дæр. Ныр ансамблы ветерантæ ногæй сты ам. Уыдон, ныры онг дæр сæ цард æнæ кафтæй нæ уынынц. Ахæмтæ дзы ис æмæ 80 азæй фылдæр кæуыл цæуы. Фæлæ сæ сæ ас æппындæр нæ хъыгдары, кафтмæ сæ хæссынц сæ къæхтæ. Се &дæр уайтагъд сразы сты, зæгъы Козаты Зелимхан. Зындгонд курдиатджын кафджытæй дæнцæг исынц кæстæр фæлтæр. Æрыгон артисттæ дарддæр æнтыстджынæй хъахъхъæнынц æмæ парахат кæнынц æгъдæуттæ. Фæлтæрты æнгом кæны истори. Симд сси нæ адæмыхатты хæзна. Сценæмæ куы рахизæм, уæд банкъарæм адæмы зæрдæты уаг, уый нын дæтты тыхтæ, зæгъынц...


0/0

0/0

0/0