Сергей Меняйлойы разамындæй уыд аппаратон æмбырд

Аватар автора
IRYSTONTV
Цæгат Ирыстоны сараздзысты хицауады æххæстгæнæг оргæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл. Ахæм уынаффæ Аппаратон æмбырды рахаста Сергей Меняйло. Куысты æууæлтæ æвзардзысты æфсæддонтæ сæхæдæг "Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ" фондимæ иумæ. Ныхас ма цыд Дагестаны уавæрыл дæр. Сæргълæууæг бадомдта, цæмæй Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады аэромобилон къорд дарддæр дæр цæттæ уа сыхаг республикæйæн баххуыс кæнынмæ. Бахъуаджы рæстæг специалисттæ 4 сахатмæ уыдзысты сыхаг регионы. Æрдзырдтой ма нæ республикæйы æвзæр боныхъæды фæстиуджытыл дæр. Михайловскæйы цæрджытæ баззадысты æнæ электрон тыхæй. Ныртæккæ Доны куыстуаты энергетиктæ архайынц генератортæ æркусын кæныныл, цæмæй цæрджытæ æнæ дон æмæ хъармæй ма баззайой. Авари æххæстæй аиуварс кæндзысты абон.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0