Къудухты Василий - Чысангом

Аватар автора
Восхождения на вершины
Салам мæ райгуырæн бæстæ. Салам мæ уарзон Ирыстон. {Салам мæ зынаргъ хорз адæм. Салам мæ рæсугъд Чысангом} 2 хатт Мæ нæртон Ир, ды кадджын дæ. Хæссын бæрзæнттыл æз дæ ном. {Мады хъæбысау адджын дæ. Фыдыбæстæ, мæ Чысангом} 2 хатт Куыд мæ фæнды мæ Чысангом. Дæ суадæттæй, баназон. {Хъæбулау дæуыл атыхсон. Дæу мæ зарджытæй с``буц кæнон} 2 хатт Ратт мын цæргæс дæ базыртæ. Иры бæрзонд хæхтæм тæхон. {Цæмæй бахизон не``знæгтæй. Нæ хæхбæстæ, мæ Чысангом} 2 хатт Фыдыбæстæй адджындæр нæй. Ды дæ мæ цин, мæ цард амонд. {Бирæ азты мын цæр фæрнæй. Мæ гыццыл, рæсугъд Чысангом} 2 хатт

0/0


0/0

0/0

0/0