Социалон лæггæдты комплексон центры ацыд лæгдзинады æмæ æнæниздзинады урок

Аватар автора
IRYSTONTV
Дзæуджыхъæуы Терчыфале районы социалон лæггæдты центр расидт кæстæрты фембæлд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытимæ. Сæйраг спикертæ систы сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ. Тохы бынаты фæлварæнтæ чи ацыд, уыдонимæ комкоммæ ныхас кæстæртæн равдыста физкультурæ æмæ æнæниздзинад уды фидардзинады бындуртæ кæй сты. Фембæлд рауад хъæрмуд æмæ мидисджын. Фæсивæды фылдæр базонын фæндыд службæйы сусæгдзинæдтæ нæ, фæлæ хæстонтæн сæхи миниуджытæ, æвæстиаты уавæры хи дарыны æууæлтæ. Ветерантæ дих кодтой сæ фæлтæрддзинадæй, бæстон сын радзырдтой тохы бынаты хæлар ахастдзинæдты ахадындзинады тыххæй. Социалон лæггæдты комплексон центры сæ ныфс ис, ахæм хуызы комкоммæ ныхас хъомысджын кæй у, рауад дзы лæгдзинады урок, сæйраг æууæлтæ та дзы систы хъайтарты хи дæнцæг æмæ æргом ныхас.

0/0


0/0

0/0

0/0

Скачать популярное видео

Популярное видео

0/0