Поделиться в MAX

Грузинский ансамбль ''Nartebi'' - Хъуыбады | Поют Осетины

Аватар автора
Хъуыбады - Грузинский ансамбль «Nartebi» слова: Коста Хетагуров ХЪУЫБАДЫ Сæрдæй, зымæгæй, Гуыбыр, тызмæгæй, Йæ кæрцы мидæг, Ныхасы бады Зæронд Хъуыбады, Нæ фæндырдзæгъдæг... Кæйдæр дзæгъæлзад, Лæппуйæ баззад Йæ сау бындурыл... Кæдæм–иу бафтыд, Уым–иу фæкафыд Кæрдзыны мурыл... Бæгънæг, бæгъæввад, Ыстонг, уысмæн над Хуыцауы рæстæй! Цъыфæй ныррæсыд, – Хæфсытæ уасыд Йæ къахы скъуыдтæй... Бын бауай, иунæг, Дзыллæтæй иу лæг Кæй нæ рæвдыдта! Фæсмон фæкæна, Мæрдты дзыназа, Дæу чи ныййардта!.. Дæу урс æхсырæй, Дæу худгæ–хурæй Чи нæ бафсæста! Дæу цардуалдзæджы Йæ хъарм хъæбысы Чинæ ауызта! Фыййау куы уыди, Уæд–иу хуыссыди Тæдзгæ–ыскъæты; Мит–иу куы уарыд, Уæд–иу ныззарыд Къæдзæхлæгæты... Уæд фос куыд уарзта? – Фæсал цын ласта Иæ салд æрчъийæ!.. Йæ зард нæ уагъта, – Фæндыр ыскъахта Бæрзбызычъийæ... Бæрзонд урс хæхтæ, Æнкъард къæдзæхтæ, Æгомыг бæлас Фыййауы уарзынц Æмæ йын зарынц Сæ сусæг ныхас. Цæргæсы бæллын, Уæларвы нæрын, Дымгæйы хъарæг, Цæф сæгуыты маст, Æхсæрдзæны хъазт – Фыййауы зарæг... Фæскъæвда хур бон Уымæл ривæддон, Рæсугъд хизæнтæ, Æфсæст фосы дзуг, Сæрибары дуг – Фыййауы сæнттæ. Фæлæ нæ амонд Æнæ сæрнывонд Нæ хæссы бирæ! – Æнæ аххосæй Фыййауы фосæй Нæ хæссы бирæгъ! Æмбаргæ фыййау Иæ фосы рæгъау Нымадæй дары, Фæлæ Хъуыбады Йæ фоснымады Фынддæс нæ ары... Кæм цæ агура? Кæмæй цæ кура? – Хъæр цæ кæм уæнды! Лæгдзарм тæнæг у, Æлдар фыдлæг у, Мæлын кæй фæнды?.. Фæлидзон, загъта... Йæ фос фæуагъта Хъæу–сæр уæзæгыл, Йæхæдæг алыгъд, Дыгурмæ ахызт Адай–æфцæгыл... Ирæй...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0