Дзæуджыхъæуы фыццаг хатт йæ куыст райдыдта фæсивæдон форум

Аватар автора
IRYSTONTV
Æфсæндарæн хъæугæ хæйттæ ралыг кæнын, уый фæстæ сæ сæмбырд кæнын æмæ сæ конструкцийы æрхуыйын. Хæслæвæрд баххæст кæнынæн дæттынц 5 сахаты. Узегаты Арсен ахуыр кæны арæзтадон техникумы 4-æм курсы. Сабийæ фæстæмæ бæллыд аразæг суæвынмæ. Конкурс "Юный монтажник"-ы архайы фыццаг хатт, фæлæ кæй фæуæлахиз уыдзæн, уый йæ уырны. Ацы фæзыл та ерыс кæнынц сисамайджытæ. Лæппутæ рæстæгмæ хъуамæ равæрой модультæ. Æркасты хатдзæгтæм гæсгæ, хуыздæртæн фадат уыдзæн проект "Æвзонг дæснытæ"-йы бацархайын. Ам та - ноджы иу цымыдисаг дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Архайджыты адих кодтой къордтыл. Алчидæр сæ æмбырд кæны йæхи уæладзыг. Эксперттимæ иумæ студенттæ архайдтой æрымысгæ цауы. Арæзтад куыд цæуы, уымæ кæсы инженер, администрацийы, разамындæттæнг компанийы минæвæрттæ, бынаты ма сты хуымæтæг адæм дæр. Уыдон арæзтадон къæпхæнтæм бæстонæй сæ цæст дарынц. Егъау фæсивæдон форум "Строим Осетию" Дзæуджыхъæуы фыццаг хатт цæуы. Дыууæ боны спикертæ профилон ахуыргæнæндæтты студенттæн æмæ скъоладзаутæн амондзысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, лекцитæ æмæ конкурстæ. Республикæмæ бæстæйы алы регионтæй ссыдысты архитектурæйы æмæ арæзтады къабæзты раззагдæр эксперттæ. Уыдон цæттæ сты сæ фæлтæрддзинадæй æмæ зонындзинæдтæй фидæны специалисттæн фæхай кæнынмæ. Архайджытæн фадат уыдзæн нырыккон технологитæ, инновацион æрмæджытæ базонынæн. Радзурдзысты ма сын арæзтады æмæ архитектурæйы хуыздæр практикæты тыххæй. Республикæйы хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Атарты Георгий куыд фæнысан кодта, афтæмæй амайæг у хъæугæ...

0/0


0/0

0/0

0/0