Дзӕуджыхъӕуы скӕсӕн уӕлмӕрды фӕзындзӕн мемориалон комплекс "Лӕгдзинады аллей"

Аватар автора
IRYSTONTV
Кувӕн дзуар — Фыдыбӕстӕ йы сӕраппонд сгуыхтдзинад чи равдыста, уыцы хӕстонты ингӕнты фарсмӕ. Скӕсӕйнаг уӕлмӕрды ацы чысыл бӕстыхайы фидӕны фӕзындзӕн кувӕндон сӕрмагонд хӕстон операцийы архайджыты номыл. Проекты къӕпхӕнтӕ вазыгджын сты, зӕгъы хӕрзаудӕн фонд "Цӕрдзыстӕм"-ы сӕрдар Галина Висяч. Проектон-хыгъдон документацийыл ма бакусдзысты. Кувӕндон-цыртдзӕвӕн саразыны хъӕппӕрис фæзынд фонды активисттæм. 2023-æм азы хъуыддаг Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ Алайнаг архиепископ Герасим хорзыл банымадта. Мидӕгӕй та сӕвӕрдзысты номарæн фӕйнӕджытӕ, чи фӕмард, уыцы æфсæддонты нӕмттимӕ. Аргъуан, Мады Майрæмы номыл, схуыдтой "Мӕ хъыгтӕ мын басӕтт", зæгъгæ. Абон йæ сурӕт ис сыгъдӕг хъизӕмаргӕнӕг Иоанны аргъуаны. Уый у архиепископы лæвар. Хъайтарты сгуыхтдзинады ном бахъахъхъӕнын у сӕйраг хӕс. Уымӕ гӕсгӕ та ам сараздзысты музей мысӕн чиныгимӕ. Фидӕны аргъуан уыдзӕн ӕцӕг адӕмон, зӕгъы иерей Василий. Аргъуан "Мӕ хъыгтӕ мын басӕтт" суыдзӕн номарæн комплекс "Лӕгдзинады аллей"-ы хай. Уырдӕм ма бахаудзæн сӕрмагонд операцийы хъайтарты ныгӕнӕн зонӕ, монумент "Номарӕн стъалы", Ӕнусон арт. Ӕфсӕддон ансамбль саразыны хъуыды хорзыл банымадта горӕты администраци. Ӕдӕрсгӕ хӕстон Уӕлахизмӕ фӕндаг айгæрста. Монумент ӕвӕрд ӕрцыд февралы кӕрон. Республикӕйы сӕргълӕууӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ ма йæ хъуамæ баххæст кæной. Ӕмбал нӕй бӕстӕйы хӕстон комплекс "Лӕгдзинады аллей "-æн, зæгъы Галинӕ Висяч. Республикӕйы хицауад алы хуызы ӕххуыс кӕны фонд "Цӕрдзыстӕм"-ӕн.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0