Поделиться в MAX

Хетæджы Бон I Кувæг Ир

Аватар автора
Сусæны мæйы фыццаг, кæнæ дыккаг къуырийы ирон адæм зæрдиагæй сæмбæлынц, тынг кæмæ фенхъæлмæ кæсынц, уыцы «Хетæджы Уастырджийы бон»-ыл. Æндæр хуызы зæгъгæйæ: Хетæджы Дзуары кæнæ Тымбыл къохы боныл, сылгоймæгтæ та йæ Тымбыл хъæды дзуары бон фæхонынц. Фыццæгты йæ бынмæ цыдысты æрмæст кувæндоны алыварс лæууæг хъæутæ: Суадаг, Хæтæлдон, Дзуарыхъæу, Ногхъæу, Хъæдгæрон. Фæлæ 1994-æм азы бæрæгбон æппæт ирон адæмоныл банымадтой. Уæдæй абонмæ къохмæ къухбакæнæн нал ис. Иуæй-иу хъæутæ æхсæны куывд дæр скæнынц сыхгай, гъе хæдзаргай кæрæдзийы рахон-бахон фæкæнынц.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0