Тускъаты Таймураз амыдта РЦИ-Аланийы парламенты советы ӕмбырд

Аватар автора
IRYSTONTV
Республикӕйы 266 ӕхсӕнадон территорийы ӕмӕ 426 кӕрты саив кодтой фӕстаг 6 азы дӕргъы. Ӕппӕт дӕр "Горӕты хӕрзвадат тыгъдад аразыны" федералон проекты фӕрцы. Уый тыххæй нысангонд æрцыд 1 млрд 600 млн сомӕй фылдӕр, уыдонӕй 1 млрд 300 млн — федералон бюджеты фӕрӕзтӕ, 201 млн — республикон, 142 млн — муниципалон бюджеттӕй. Уый тыххæй парламенты советы ӕмбырды фехъусын кодта цӕрӕн-коммуналон хӕдзарад, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министры хӕдивӕг Надгериты Батраз. Республикӕ архайы горӕтаг хӕрзвадат тыгъдад аразыны хуыздӕр проектты æппæтуæрæсеон конкурсы. Номинаци "Чысыл горӕттӕ ӕмӕ историон хъӕутӕ"-йы уӕлахиздзаутӕ систы 13 проекты. Депутаттӕ ма æрдзырдтой бæстæйы традицион монон-намысон хӕзнатӕ, ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕ бахъахъхъӕныны фарстатыл. Уый тыххæй бирæ æрмæджытæ ис республикон дзыллон инфонмацион фæрæзты дӕр.

0/0


0/0

0/0

0/0

Скачать популярное видео

Популярное видео

0/0