Зианхæссæг хъазæнтæ, алайнаг æфсæддонты экспозици æмæ Къостайы Орден I Йæ рæстæгыл

Аватар автора
IRYSTONTV
Фарон фидаргонд æрцыд хъазæнты ГОСТ. Домæнтæм гæсгæ, сарæзтой сæрмагонд номхыгъд. Уый фæрцы, зæгъынц, хъомылгæнджытæ æмæ ныййарджытæн æнцондæр æлхæнын уыдзæн хъазæнтæ сывæллоны кар хынцгæйæ. Уæдæ нæ республикæйы та уавæр куыд у? Рæвдауæндæттæм хъазæнтæ чи æмæ цавæр домæнтæм гæсгæ февзары, стæй цавæр хъазæнтæ нæй къухмæ райсæн? Ууыл ныхас кæнæм "Йæ рæстæгыл". Нæ республикæйы национ музейы равдыстыты сæйраг залы фæзындысты алайнаг æфсæддонтæ æд бæхтæ. Экспонаттæ бацæттæ кæныныл ацыд 5 азы. Музейы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй се сцæттæ кæнын æнцон хъуыддаг нæ уыд. Æмæ уыдæттыл дзурæм нæ программæйы. Хетæгкаты Къостайы номыл Орден. Цæгат Ирыстоны фæзынд 2023-æм азы. Хорзæхджын кæнын дзы райдыдтой ирон æвзаг, литературæ æмæ национ культурæйы рæзтыл чи кусы, уыдоны. Орден у æрвылазон æмæ ацы аз сæ лауреаттæ систы цыппар адæймаджы.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0