Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы

Аватар автора
IRYSTONTV
Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы йæ хæс чи æххæст кæны, уыцы æфсæддонты ныййарджытимæ. Мадзал сбастой сылгоймæты æппæтдунеон бонимæ, ахæм хуызы фæнысан кодтой Ирыстоны æмæ æгас Уæрæсейы фидæнмæ цы æвæрæн хæссынц, уый. Республикæйы закъонадон оргæны разамонæг фæнысан кодта, 8-æм Мартъийы агъоммæ йын ахсджиаг уыд комкоммæ бузныг зæгъын нæ æфсæддонтæн тых чи дæтты, уыдонæн. Уазджыты &алы дæсныйæдты минæвæрттæ: ахуыргæнджытæ, бухгалтертæ, культурæйы æмæ базарады кусджытæ. Ныфс бавæрдтой сæ дарджытæ кæмæн нал сты, уыцы бинонтæн дæр. Тускъаты Таймураз ныййарджытæн бузныг загъта сæ уды фидардзинады тыххæй, фæнысан кодта, сылгоймаг алкæддæр бинонты къонайы арт хъахъхъæнæг кæй уыд, уый. Алы архайæгæн дæр радтой республикæйы Парламенты сæрдары номæй арфæйы фыстæг бинонты традицитæ æмæ Фыдыбæстæйæн хъайтартæ кæй схъомыл кодтой, уый фæдыл. Райстой ма дидинджытæ æмæ зынаргъ лæвæрттæ.

0/0


0/0

0/0

0/0

Скачать популярное видео

Популярное видео

0/0