Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд ВТБ банчы разамонæг Александр Дыренкоимæ

Аватар автора
IRYSTONTV
Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд Цæгат Кавказы федералон зылды ВТБ банчы разамонæг Александр Дыренкоимæ. Ныхас цыд иумæйаг куыстыл æмæ социалон къабазæн æххуысæн финансон механизмты райрæзтыл. Банк Цæгат Ирыстоны дарддæр æнтыстджынæй парахат кæны йæ хызтæ: гом кæнынц ног офистæ, кусæг хайæдтæ цæуынц модернизацигонд. Хицæнæй æрдзырдтой мызды проекты райрæзтыл æмæ регионы цæрæджы картæ снысан кæныныл. Республикæйы сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй уый у нырыккон æмæ æнцонвадат уынаффæ, йæ фæрцы баиу уыдзысты цалдæр архайды: банчы картæ, скъоламæ кæнæ уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуыны фæдыл бардæттæг фæрæз æмæ ма æхсæнадон транспорты балцон билет.

0/0


0/0

0/0

0/0

Скачать популярное видео

Популярное видео

0/0