Æмхæццæ хъæбысхæсты клуб "Барс"-æн бындур сæвæрдтой дыууæ азы размæ

Аватар автора
IRYSTONTV
Хуымæлæггаг Слонаты Хетæг 8-æм къласы ахуыр кæны. Гауызмæ фыццаг хатт рацыд афæдзы размæ. Уæдæй фæстæмæ æвзонг лæппуйыл æвæрынц стыр ныфсытæ. Къуыри цалдæр хатты тренировкæтæ, фидар удыхъæд æмæ тырнындзинад нымайы æнтыстдзинады бындурыл. Æрæджы архайдта Краснодары крайы гом ерысты æмхæццæ хъæбысхæстæй æмæ дзы бацахста фыццаг бынат. Уæлахиздз ау куыд зæгъы, афтæмæй йын ММА ныртæккæ у йæ царды сæйрагдæр хай. Цæгатирыстойнаг спортсментæ æнтыстдзинæдтыл ахуыр сты. Командæ ерыстæй фылдæр хатт сыздæхы уæлахиздзауæй. Ныр дæр та сси хуыздæртæй иу. Богæлттæ майданты фылдæр хай сæхи бакодтой. Хуыздæрты &Кокойты Астан, Максим Лещев, Санаты Ирбег, Бибылты Георгий, Манвел Бадеян, Галазты Хетæг, Æлборты Олег, Алыккаты Ангелинæ, æппæты кæстæр архайæг Дзуццаты Сосланыл та цæуы 5 азы. Цæллагты Вячеславы номыл Клуб "Барс"-æн дыууæ азы размæ бындур сæвæрдта Кокойты Алан. Йæ фарсмæ балæууыд йæ хистæр æфсымæр Аслан дæр. Залы дуæрттæ се ппæтæн дæр гом сты. Алан йæхæдæг у дунейы чемпион джиу-джитсуйæ. Аслан та Европæйы чемпион къуххæстæй. Тренертæ куыд зæгъынц, афтæмæй хорз фæсивæдимæ кусынц, сæхи æгъдауджынæй равдисынц алы хатт дæр, сты тыхджын æмæ алцæмæй фæзминаг. «Барс»-ы хъомылгæнинæгтæ бæрзонд бæрæггæнæнтæ кæй равдыстой, уый у спортсменты тырнындзинад, тренерты удуæлдай, бæстон куысты иумæйаг архайды хатдзæг. Ныййарджытæ дæр тренертæй разы сты. Сæ ныхæстæм гæсгæ, сывæллæттимæ æрмæст техникæйыл нæ архайынц, фæлæ ма семæ кæнынц хъомыладон куыст дæр. Ныртæккæ спортсментæ сæхи цæттæ кæнынц...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0