Хуыцауы фæдзæхст ут

Аватар автора
IRYSTONTV
Дзæуджыхъæуы райдыдтой Сыгъдæг Георгийы номыл 7-æм кæстытæ. Мадзал снысан кодтой Аланийы аргъуыды 1100 азы юбилеймæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты æрæмбырд сты æхсæнадон æмæ паддзахадон кусджытæ, зонадон æмæ иртасæн институтты специалисттæ, сауджынтæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Леонид, республикæйы хицауад æмæ университеты сæргълæууæг арфæйы ныхæстæ ракодтой ахуырдзаутæн. Æрныхас кодтой Аланийы аргъуыды 1100 азы юбилеймæ цæттæгæнæн мадзæлттыл. Уыимæ ма форумы ныхас цыд Аланийы чырыстон историйыл. _ Мы рядом в:

0/0


0/0

0/0

0/0