Дзæуджыхъæуы цæуы Уæрæсейы сгуыхт артисткæ Реуазты Симæйы номыл зарæггæнджыты т

Аватар автора
IRYSTONTV
Дзæуджыхъæуы цæуы Уæрæсейы сгуыхт артисткæ Реуазты Симæйы номыл зарæггæнджыты æмæ ирон инструментты оркестрты æркаст. Номдзыд фæндырдзæгъдæг рауагъта бирæ курдиатджын ахуырдзауты фæлтæртæ. Сæйраг нысан - адæмон музыкæ парахат кæнын. Сывæллæттæ хæстæгдæр базонгæ вæййынц нæ хæзнатимæ æмæ, æнæмæнг, сразæнгард вæййынц дæсныйадмæ. Ирыстон хъуыстгонд у Гæздæнты Булатæй, Мыстулаты Иринæйæ, Ходы Надеждæйæ, Æлборты Феликсæй, Хаханты Дударæй æмæ æндæртæй. Мадзаларазджытæ - дзуапдæттæг министрад, Реуазты мыггаджы цæдис æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музей.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0