Тедеев Александр - Мады Майрæм

Аватар автора
Александр Тедеев
В память о великом музыканте Валерии Сагкаеве… Рухсаг у! Тедеев Александр - Мады Майрæм Зæрдæйы цы сурæт хастон – Цæссыгтæй уый нал зыны. Сонт удæй цы чызджы уарзтон – Уый мæ дары азымы. Æмæ зæрдæ мастæй риссы – Уды риссаг карздæр у. Иунæг Хуыцау уæд æвдисæн – Уарздзынæн æй раздæрау. Мады Майрæм, къух мыл ма сис, Ма мæ ныууадз сидзæрæй. Уарзтæй мын нæ уыди бафсис, Ныр æнæ уарзт чи цæры?! Мады Майрæм, сау барджытæ Сау мæлæтмæ арвита, Ингæнæй мæ рухс зарджытæ Ссæуиккой кæд уардитæй. Зæрдæйы дæ сурæт баззад Сау кæлæнау сау боны, Æмæ карз зымаджы уазал Уалдзæджы цин нал зоны. Рухс цæстытæм ныр куыд бæллон, Кæд мыл, оххaй, сау дарынц? Нал æрцæуы уарзт æмгæрон – Адзæгъæл ис сау тары.

0/0


0/0

0/0

0/0