Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг æфсæддон базæйы ацыдысты хæцæнгарзæй æхсыны цæттæдзинады ахуыртæ

Аватар автора
IRYSTONTV
Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг æфсæддон базæйы ацыдысты хæцæнгарзæй æхсыны цæттæдзинады ахуыртæ. Фистæгкъорды æфсæддон хæдтулгæтæ БМП-2-йы оператортæ ныппырх кодтой ныхмæлæууæджы мысантæ. Ома, знаджы сæрмагонд техникæйы макеттæ, æвдыст æрцыдысты æцæг хæдтулгæтæм хæстæг. Танкæтæ, æфсæнтранспорт, æмæ фистæгæфсæддонтæ. Алы тренировкæгæнæн хæслæвæрд дæр уыд æцæг хæстон цаутæм хæстæг. Инструктортæ стыр фæлтæрддзинад райстой сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты. Сæ сæйраг хæс - лæппуты бацæттæ кæнын, цæмæй æвæстиатæй архайгæйæ иу цæфæй мысан уайтагъд къуырой.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0