Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы ацыд иумæйаг паддзахадон экзамен фæлварæн хуызы

Аватар автора
IRYSTONTV
Скъоладзаутæ тыхсынц, фæлæ уæндонæй хизынц сгарæн гарзы уылты. Абон сывæллæттæ сæхиуыл æххæстæй банкъардзысты иумæйаг паддзахадон экзамены ахсджиагдзинад. Æмæ кæд фæлварæн хуызы у, уæддæр алцыдæр фæткмæ гæсгæ. Бирæты сæрмагонд гарз æруромы æмæ сывæллæттæ хъуыдыты ацæуынц, цæмæ сыл фæдызæрдыг ис, зæгъгæ. Уæллаг Санибайæ Æлбегаты Арсений фæлварæнтæм бæрнонæй бацыд. Хæслæвæрдтæ фæнд кæны бæрзонд баллыл баххæст кæнын. Лæппу цæуы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультетмæ. Уый фæстæ та йæхи уыны тæрхондоны кусæгæй. Къуыри дыууæ хатты вæййы Джызæлы иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæгæнæн центры. Абон тренировкæгæнæн фæлварæн дæттынц 2 мин 300 скъоладзауы, уыдонæй 1мин 900-йæ равзæрстой æхсæнадзонынад. Уый дарддæр дæр æппæты парахатдæр у. Æмткгæй фыссынц 5 предметы, се &ныхасы хуызы англисаг æвзаг, истори, литературæ æмæ информатикæ. Тренировкæ пайда у сæйраг къæпхæны ахуыргæнджытæн-цæстдарджытæн дæр. Уыдон сывæллæттимæ зонгæ кæнынц, иумæйаг паддзахадон фæлварæн куыд цæуы, уыимæ. Бланктæ куы фæуой, уæд цы кæнгæ у, æмæ экзамены уавæрты скъоладзаутæм æмбæлгæ æркаст. Фæсивæдæн та хорз гæнæн у хи сфæлтæрынæн æмæ рæдыдтытыл бакусынæн. Ногдзинæдтæ дзы нæ фæзынд, фæнысан кодтой республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады. Фæлварæнты цы техникæйæ пайда кæнынц, уый кусы уæрæсейаг программæты бындурыл.

0/0


0/0

0/0

0/0

Скачать популярное видео

Популярное видео

0/0