Æрӕфы районы бындуронӕй сцалцӕг кӕндзысты ахуырады 20 объекты

Аватар автора
Толдзгуны иунæг скъолайы ис æрмæст 17 ахуыргæнинаджы. Фæлæ уыдонæн дæр хæрзхъæд ахуырад райсынæн æмбæлгæ уавæртæ нæ уыд. Ахуыргæнæндоны хъуыди æдасдзинады бындуртæ æмæ райгуырӕн бӕстæйы хъахъхъӕныны, стæй технологийы кабинеттæ. Уæвгæ, бæстыхай æгасæй дæр заууат уавæрмæ æрцыд. 1985-æм азы йæ сарæзтой æмæ уæдæй цалцæг нæ зыдта. Ныртæккæ сывæллæттæ ахуыр кæнынц Хæзныдоны, уырдæм æмæ фæстæмæ сæ ласынц автобустыл. Ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын зын нæу, фæлæ сæ куыд тагъддæр фæнды се 'скъоламæ раздæхын. Æнхъæлмæ кæсын сæ бирæ нал хъæуы, куыстытæ фæнд кæнынц августы кæронмæ фæуын. Специалисттæ бавнæлдтой электрон системæйы рацарæзтмæ. Канализаци, хъармгæнæн системæ, разуынд, мебель æмæ интерьер - алцыдæр сног кæндзысты. Зæронд агъуыстытæй рауайдзæн ног, æнцонвадат кабинеттæ. Ай та у Лескены сывæллæтты рæвдауæндон. Æнусы 'рдæгмæ йæ фыццаг хатт цалцæг кæнынц. Аразджытæ ныридæгæн фесты мидæггаг куыстытæ, ныр цæттæ кæнынц хъармгæнæн системæ, уый фæстæ бавналдзысты аивгæнæн мадзæлттæм. Ныртæккæ объекты архайынц 15 адæймаджы, дыууæ мæймæ сæ къухы гыццыл нæ бафтыд. Куыстытæ фæуынвæнд кæнынц августмæ, фæлæ аразджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм архайдимæ, гæнæн ис æмæ раздæр дæр. Æмткæй Æрæфы районы сцалцæг кæндзысты ахуырады 20 объекты. Иннæ аз та ма сног кæндзысты сывæллæтты 2 рæвдауæндоны. Фыццаджыдæр цалцæг кæнынц заууат скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ. Уый сбæрæг кæны сæрмагонд къамис. Басгæрсты фæстæ специалисттæ скæнынц акт æмæ Ахуырады министрадмæ бадæттынц курдиат. Æппæт...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0