Ногир бæрæг кæны йæ 100 азы юбилей

Аватар автора
IRYSTONTV
Ногиры хъæуæн хъæздыг истори ис. Хъæуæй рацыд бирæ зындгонд адæм. Уыдон канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма Уæрæсейы кад дæр бæрзонд хæссынц. Æрæджы хъæу сбрæг кодта йæ сæдæ азы юбилей. Дзæуджыхъæумæ ввахс ивгъуыд æнусы 21-æм азы æрбынат кодта Ногир. Уæд дзы цалдæр хæдзары йедтæмæ нæ уыд. Ныртæккæ та нымад у нæ республикæйы стырдæр хъæутӕй иуыл, йæ уынгтæ та сты ӕппӕты даргъдӕр. Куыд сбæрæг кодта Ногир йæ 100 азы юбилей, уымӕн ӕвдисӕн разынд не сфӕлдыстадон къорд. Ногиры цæрджытæ кадджын уавæры бæрæг кæнынц сæ хъæуы юбилей. Бæрæгбоны мадзæлтты райдиан хъæуы бындурæвæрджытæн байгом кодтой цыртдзæвæн. Юбилей сæмбырд кодта канд бынæттон нæ, фæлæ ардыгæй рацæугæ адæмы. Бæрæгбонмæ æрбацыдысты республикæйы алы районтæй æмæ Уæрæсейы алы къуымтæй. Саккаг кодтой Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ дӕр. Рагон къамтæм кæсгæйæ, ис афæлгæсæн Ногиры историйыл. Культурæйы галуаны бацæттæ кодтой сæрмагонд равдыст. Ам фенæн ис националон уæлæдарæс, хæцæнгарз æмæ юбилеймæ цæттæгонд скъоладзауты куыстытæ. Бæрæгбоны кæронбæттæн цæрджыты зæрдæтæ барæвдыдтой концерт æмæ фейерверкæй. _________________________ Мы рядом в:

0/0


0/0

0/0

0/0