Теракты амæттæгты мысæн мадзæлттæ цæуынц æгас республикæйы

Аватар автора
IRYSTONTV
Ацы сывæллæттæ райгуырдысты Беслæны бæллæхы фæстæ. Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы 9-æм къласонтæ ацы ран сты фыццаг хатт. Семæ сæ ахуыргæнæг Тахъазты Льянæ дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй саударæн бонты ахсджиаг у Беслæны цæрджыты фарсмæ балæууын, скъолайы æнустæм чи баззад, уыдоны рухс нæмттæ хъуыды кæнын. Скъоламæ ацы бонты цæуынц, сæхæг æвирхъау цаутæн æвдисæн чи уыд, уыдон дæр. Сæ уды хъæдгæмттыл раст цыма 20 азы дæр нæ рацыд, афтæ сæ рыст нæ къаддæр кæны. Уæд мæлæты къухтæй чи раирвæзт, уыдоны &уыд Хъæстуаты Виктория. Амынæты бахауд йæ чызгимæ. Абон дæр йæ зæрдæ уынгæг кæны ацы цаутыл дзургæйæ. Историон цаутæ бахъахъхъæнын - ахæм ахсджиаг хæс æххæст кæнынц æппæтадæмон культурон-патриотон центр «Беслæн. 1-æм скъола»-йы кусджытæ. Абон ам ацыд сæрмагонд фембæлд "Помнить, чтобы жить". Архайдтой дзы Беслæны хъыггæнæн бонты архайынмæ алы бæстæтæй Ирыстонмæ чи ссыд, уыцы делегациты минæвæрттæ, республикæйы хицауады уæнгтæ, дины æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Рахизфарсы районы сæргълæууæг Фрайты Сослан сын бузныг загъта, 20 азы дæргъы Беслæны цæрджыты фарсмæ кæй сты, ацы цауты амæттæгты кæй хъуыды кæнынц, уый тыххæй. Номарæн мадзæлтты архайынц Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнады минæвæрттæ дæр, сæ сæргъы Хъуысаты Садреттин, афтæмæй. Терроризмы ныхмæ æппæтадæмон культурон-патриотон центры директор Сохиты Ларисæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæ сæйрагдæр нысан у æбуалгъ цауты æппæт æвдисæнтимæ адæмы зонгæ кæнын. Фæсивæды бахъахъхъæнын террористон фæзындтæй. Абон ма скъолайы кæрты...

0/0


0/0

0/0

0/0