Алагиры 4-æм скъолайы байгом кодтой партæ

Аватар автора
IRYSTONTV
Цæмæй сæ кад æнустæм цæра! Алагиры 4-æм скъолайы рауагъдонтæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы хъæбатыртæ Зæнджиаты Вячеслав, Агънаты Давид æмæ Тлатты Зауыры номыл байгом кодтой партæ. Ахуырдзаутæ кастысты æмдзæвгæтæ, радзырдтой хæстонты цардвæндаджы тыххæй. Мадзалмæ æрбахуыдтой районы сæргълæууæг Демыраты Вячеслав, ветеранты цæдисы сæрдар Икъоты Руслан, парламенты депутат Черчесты Аслæнбег, уыимæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты. Æдæппæтæй скъолайы рауагъдонтæй, сæ æфсæддон хæс æххæстгæнгæйæ, фæмард 11 адæймаджы. Сæ номыл партæты уæлхъус баддзысты хуыздæртæ.

0/0


0/0

0/0

0/0