Армрестлер Дзæрæхохты Батрадз цæттæ кæны европæйы æмæ дунейы чемпионаттæм

Аватар автора
Дзæрæхохты Батрадз армрестлингмæ æнæнхъæлæджы 'рбацыд. Йæ сабидуг балæвар кодта кафджытæн. Къуххæстæй æнтыстджын суæвыны размæ, лæппу цыппар азы архайдта ансамбль «Дети гор»-ы. Фæстæдæр та 10 азы уыд номдзыд «Алан»-ы къорды уæнг. 8 аздзыдæй æвирхъау цауы фæстæ йе нæниздзинад фæцудыдта. Кафджыты фæстæ йын йæ ног хæдзары кæрты паркет баивтой спортивон кусæнгæрзтæ. Уым æй бафиппайдта Тотрадз Лелаев. Фæлтæрдджын тренер разынд Батрадзæн йæ сыхаг. Кæрæдзийы къухтæ райсгæйæ æрцыдысты иумæйаг фæндмæ. Армрестлингмæ Батрадз æрбацыд 2012 азы. Фыццæгты йыл тренер йæ ныфс не 'ввæртда. Каст æм куыд фидæны спортсменмæ. Фæлæ тæккæ фыццаг турниры уæды 90 килæграммы адъютант фембæлд дунеон æмвæзадыл 4 дæсныимæ. Чемпион суæвгæйæ, бирæты дисы бафтыдта. Уæдæй абонмæ уæлахизтæ сты йæ царды хай. Уæлдæр æмвæзадмæ схызт 11-æм хатты. Тотрадз сæрыстырæй дзуры йæ хъомылгæнинаджы тыххæй. «Куыд спортсмен, йæхиуыл æнæрлæугæ бæстон куыст кæны». Фæлæ архайд иуæй иу хатт цæфтæм дæр расайы. Фæлæ уæддæр тырны æрмæст уæлахизмæ. 2015 -æм азæй Батрадз æппынæдзух фæархайы дунейы æмæ Европæйы ерысты. Разæй йæм æнхъæлмæ кæсы дунеон чемпионат Индийы, уымæ иунæгæй нæ цæттæ кæны. Йæ фарсмæ алкæддæр Хубаты Ирбег. Зонгæ сты 2003 æм азæй, сывæллæтты лагерæй. Ныр та къуыри цыппар хатты тренеровкæтæ кæнынц дыууæ сахаты бæрц. Кардио, физикон æгъдауæй æмæ сæрмагонд хынцинæгтæ. Ирбег куыд зæгъы, афтæмæй уымæн Батрадз æрмæст хъуыстгонд спортсмен нæу, фæлæ ма хорз æмбал дæр. Кафæджы ивгъуыд сценæйыл баззад. Ныр ын сæйрагдæр...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0