11 кадӕг. 11 псалом на осетинском языке

Аватар автора
Фӕдзӕхстытӕ
Баххуыс кӕн, Дунедарӕг, уымӕн ӕмӕ нал ис рӕстгӕнӕг, адӕмы ӕхсӕн Дӕуыл ӕнувыдтӕ нал баззади. Алчидӕр хионӕн дзуры мӕнг; се &сты козбау, дзурынц хинӕйдзаг зӕрдӕйӕ. Дунедарӕг сӕхгӕнӕд алы козбауы ӕмӕ алы схъӕлдзырд лӕджы дзых, Афтӕ чи дзуры: «Не &фӕрцы сбӕрзонд уыдзыстӕм, нӕ дзыхтӕ нӕ уӕлӕ сты, ӕлдар нын чи у?» «Ӕфхӕрдтыты хъизӕмары ӕмӕ мӕгуырты хъӕрзыны сӕраппонд рацӕудзынӕн Ӕз, зӕгъы Дунедарӕг, ӕмӕ хинӕй рацӕуынмӕ кӕуыл хъавынц, уыдоны баиргъӕвдзынӕн». Дунедарӕджы ныхӕстӕ – сыгъдӕг ныхӕстӕ; уыдонсты сыгъдӕг ӕвзистау, ӕлыгӕй конд пецы фӕлвӕрд, авд хатты фӕлвӕрд. Ды, Дунедарӕг, бахъахъхъӕндзынӕ ӕфхӕрдтыты, ӕнусмӕ сӕ бахиздзынӕ ацы мыггагӕй, Науӕд адӕмы ницӕйӕгтӕ сбӕрзонд сты, ӕмӕ алы ран дӕр сáрӕх сты фыдлӕгтӕ. #православие

0/0


0/0

0/0

0/0