Светлана Медоева - Мæ цæугæ стъалы

Аватар автора
Романтические истории знаменитостей
Мæ цæугæ стъалы - Светлана Медоева слова: Гиго Цагараев музыка: Булат Газданов Уæлæ Мызуры Æртæ урс дуры, Ой, æмæ кæцы дзы ссарон. Ныр та мыл дзуры Æртæ усгуры, Охх, æмæ, кæцы дзы ’взарон. Мæздæджы хъазтæ нын Сæ малы астæу Ой, æмæ, цъæх кæрдæг тонынц. Дæ рæвдаугæ кастæй, Дæ судзгæ уарзтæй, Охх, æмæ, мæ зæрдæ тоны. Уæртæ Уыналы Цы суадон кæлы, Ой, æмæ, дæтты рæсугдæр. Мæнæн Джызæлы Цы уарзон цæры, Охх, æмæ, бæсты рæсугъддæр. Цæргæсæн йæ тæхæн Цъæх арвы фæтæн, Ой, æмæ, дæрдтыл фæцыди. Цы ранæй мæм фæдæ Æнусон мæтæн, Охх, æмæ, мæ фын фæлыгъди. Уæлæ нын хурæн Йæ тынты уылæн, Ой, æмæ, Хъæриуыл банцад. Мæ зынтæ сурæг Мæнæн — дæ сурæт, Охх, æмæ, мæ риуы баззад. Уæлæ Мызуры Æртæ урс дуры, Ой, æмæ, кæцы дзы ссарон. Ныр та мыл дзуры Æртæ усгуры, Охх, æмæ, кæцы дзы ’взарон. Æрыдоны дон нын Йæ рохтæ тоны, Ой, æмæ, цæхæртæ калы. Дæ уарзт дын куы зонын Æмæ дæ хонын, Охх, æмæ, мæ цæугæ стъалы.

0/0


0/0

0/0

0/0

Скачать популярное видео

Популярное видео

0/0