Хæтæлдоны культурæйы хæдзары цæуы бæстон куыст сывæллæтты райрæзтыл

Аватар автора
IRYSTONTV
Хонгæ, симд, хохаг — Челæхсаты Георгий алы кафт акæнынмæ дæр сæрæн у. Уæдæ йæ республикон æркастытæм куы арвитынц, уæд дзы æнæ уæлахизæй не &хъæумæ. Кафынæй уæлдай ма уарзы æмдзæвгæтæ аив кæсын, йæхи фæлвары спорты хуызты дæр. Фæлæ уæддæр йæ уæнгтæ кафты куыд аивазы, афтæ никуы. Къадзаты Каролинæ культурæйы хæдзармæ æнæзивæгæй ныр æртыккаг аз цæуы. Йæ мадæй бузныг у, ардæм æй кæй æрбахуыдта, уымæй. Йæхицæн дзы ссардта хорз хæлæрттæ. Æнтыстджын къахдзæфтæ кæны хореографийы æмæ вокалы къордты. Куыд зæгъы, афтæмæй цы базыдта, уый йæ хорз ахуыргæнджыты фæрцы. Хæтæлдоны культурæйы хæдзары кусджытæ сæ архайды бындурыл нымайынц сывæллæтты курдиæттæ раргом кæнын. Уый тыххæй дзы ис 9 сфæлдыстадон къорды. Бабæрæг сæ кæнынц хъæуы 170 сывæллоны. Уыимæ специалисттæ æмархайд кæнынц скъола, сывæллæтты рæвдауæндон æмæ чиныгдонимæ. Алагиры районы ныртæккæ цæуы æрвылазон фестиваль "Созвездие фестивалей", зæгъгæ. Хæтæлдоны культурæйы хæдзары хъомылгæнинæгтæ мадзалмæ бацæттæ кодтой 15 номыры - кæфтытæ, зарджытæ, æмдзæвгæтæ. Фæлтæрдджын жюрийы уæнгтæ сын стыр аргъ скодтой. 2025 азы Хæтæлдоны культурæйы хæдзар республикæйы культурæйы министрад банымадта хуыздæртæй иуыл. Кусæндон райста грант. Фæрæзтæй самал кодтой уæлæдарæс. Ныр фæсивæд сценæмæ рацæуынц ног æмæ ирд костюмты. Культурæйы артдзæстæн бындур сæвæрдтой 1954-æм азы. Бæстыхай хъæуы сног кæнын, уавæртæ фæивын. Уыдон фидæнмæ нысантæ сты, фæлæ ацы галуаны сæйрагдæр уыдзысты сывæллæттæ, сæ гæнæнтæ, сæ курдиат æмæ ног æнтыстытæм...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0