Избитые гайцы

Аватар автора
IRYSTONTV
Ныртæккæ уын цы кадртæ равдисдзыстæм, уыдон социалон хызæгты апарахат сты афæдзы райдиан. Ресторан «Жемчужина»-мæ `ввахс æбæрæг лæппутæ фыднад фæкодтой фæндаггон инспекторты. Æмæ мæнæ ныр сæ хъуыддаг тæрхондонмæ бахæццæ. Уый тыххæй хъусын кæнынц Цæгат Ирыстоны прокуратурæйæ. Лæппуты азымджын кæнынц Уæрæсейы уголовон кодексы 318-æм статьямæ гæсгæ. Цыбырæй, цауы бæлвырддзинæдты тыххæй зæгъдзынæн. Иртæстытæй куыд рабæрæг, афтæмæй ацы аз 24-æм январы æхсæвы фæндаггон-патрулон службæйы экипаж бафиппайдта рог хæдтулгæ ВАЗ-2115. Уый цыд Къостайы номыл проспекты ресторан «Жемчужина»-йы рдæм, фæндаггон змæлды фæтк халгæйæ. Рестораны цурмæ бацæугæйæ, закъонхалæг рахызт хæдтулгæйæ æмæ бацыд, раздæр цы лæппутимæ бадтысты, уыдонмæ. Æнæ нозтæй дæр кæм уыдаиккой. Пъæлицæйы кусджытæ дзы бадомдтой, цæмæй фæстæмæ йæ хæдтулгæмæ рацæуа æмæ йыл административон протокол ныффыссой. Фæлæ æрыгон лæппутæ схъиуд æмæ схъæл ныхас кæнын семæ райдыдтой, ома, дам, дзы протокол фыссын ницæмæн хъæуы, зæгъгæ. Ныхас ныхасы фæдыл, фæлæ уалынмæ инспектортыл æвзæр дзыхæй дзургæйæ къухæй ралæууыдысты. Мæнæ нæ видеокадрты куыд уынут, афтæ. Баурæдтой сæ, бынатмæ цы пъæлицæйæгтæ æмæ национ гвардийы кусджытæ батагъд кодтой, уыдон. Уголовон хъуыддаг балæвæрдтой Дзæуджыхъæуы Советон районы тæрхондонмæ. _ Мы рядом в:

0/0


0/0

0/0

0/0