30.04.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!

Аватар автора
Ирон зарæг!.. Уды рæсугъд фарн у. Æвæццæгæн, Дунесфæлдисæг Хуыцау зарды аивад стыр лæварæн ратты. Цал æмæ цал зæрдæйы барухс кодтой, цал æмæ цал удрæбыны бацардысты йæ зарджытæ - рæсугъд уарзты æнкъарæнтæ. Цал æмæ цал æрыгон адæймаджы базырджын скодта эстрадон композитор Æгайты Лейла. Ацы райдзаст райсом Лейла у нæ студийы уазæг. Мыдадзын фигурæтæ аразын, æддæ бакæсгæйæ, у тынг æнцон. Фæлæ нæ уацхæссæг Бокоты Кæринæ куыд раиртæста, афтæмæй уыцы дæсныйады ис бирæ сусæгдзинæдтæ. Абалц кодта Æрыдонмæ Четиты Марияйы æрмадзмæ. Кæринæ афтæ лæмбынæг хъуыста æмæ архайдта, æмæ дзы, æнхъæлдæн, æрмдæсны рауад.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0