Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд æрвылкуырион аппаратон æмбырд

Аватар автора
IRYSTONTV
Цæгат Ирыстоны сывæллæтты цыппар рæвдауæндоны сæхгæдтой карантины. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, эпидемиологон уавæр сабыр у. Аппаратон æмбырды æрдзырдтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады фарстатыл. Специалисттæ сæвæрдтой 2 мин 800 дон нымайæн гарзы. Райстой сæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæ æмæ æххуысцух адæм. Снысан ма кодтой цæхæрадæтты æмхæларадтæ газæй сифтонг кæныны пълан-график дæр. Ныртæккæ курдиæттæ балæвæрдтой "Горянка", "Локомотив", Дзæуджыхъæуы æмæ Мæздæджы "Дружбæ"-тæ. Сæргълæууæг ма йе &аздæхта хъармгæнæн сезоны цыдмæ. Райдыдта ма сывæллæтты чемпионат "Мастерята"-йы фæлварæн къæпхæн. Ацæудзæн 10 фæзыл, 14 здæхтмæ гæсгæ. Сергей Меняйло бахæс кодта фæзылдтыты хыгъд фæуæрхдæр кæнын æмæ сæм "Профессионалитет"-ы архайджыты баиу кæнын, куыд эксперттæ та сын уыдзысты астæуккаг профессионалон ахуыргæнæндæтты студенттæ.

0/0


0/0

0/0

0/0

Скачать популярное видео

Популярное видео

0/0