Валерий Кудухти - Сидзæргæс | Поют Осетины

Аватар автора
ИрМурTV
Сидзæргæс - Валерий Кудухти слова: Коста Хетагуров музыка: Валерий Кудухти Халон баргъæвст сындзыл. Уад тымыгъ хæссы... Сау айнæджы рындзыл Нарыхъæу хуыссы... Даргъ æхсæв фыдбонæй Цардудæн хуыздæр... Рухс цæуы кæронæй, – Бадынц ма кæмдæр... Иу зæронд ыскъæты, – &хъæуы уæлдай, Аззади фæсфæды Ацы бæстыхай, – Ма дис кæ йæ бадтыл! – Цуайнаджы уæлхъус Архайы йæ артыл Иу саударæг ус. Артдзæсты кæрæтты, Фæныкмæ æнгом Бадынц сывæллæттæ, – Чи бæгънæг, чи гом... Уазал æмæ стонгæй Бирæгъ дæр тæрсы, – Удхæссæг æввонгæй Ахæмты хæссы... – Ма кæут, мæ хуртæ, – Дзуры цæм сæ мад, – Афыцой хъæдуртæ... Абадут æнцад!.. Митæйдзаг æхсæлы Мары фæздæгæй... Цæстысыг ызгъæлы Агмæ сусæгæй... Хъуырмæ схæддзæ хъарæг: “Дудгæ фæбада Зæйы бын нæ дарæг, Мах чи фæсайдта!.. Фондзæй уæ ныууагъта Иу ныййарæгæн, – Мады зæрдæ скъахта, – Царæфтыд фæдæн!.. Зондæй мыл фæтых дæ, О, мæ лæджы хай, – Сидзæртæй фæлыгътæ Ингæнмæ тæргай!.. Буц хъæбул дæм дзуры, – Сфæлмæцыд йæ мад, – Махæн дæр дæ цуры Сцæттæ кæ бынат!” Цæстысыг ызгъæлы Агмæ сусæгæй... Митæйдзаг æхсæлы Мары фæздæгæй... Бафæллад кæуынæй Бинонты кæстæр, – Къонайыл æрфынæй Адæмы хуыздæр! Иууылдæр дæ адыл Тулдзысты, фæлæу! – Стонг æмæ фæлладыл Тых хуыссæг кæм нæу!.. – О. гытци кæд уыдзæн? Райс–ма, цæй, дæ аг!.. – Абадут!.. Фæуыдзæн Алкæй дæр йæ фаг... Аг кæлы йæ былтæй, – Хъæдуртæ” фыцынц... Алы ран тымбылтæй Сидзæртæ хуыссынц... Стонг æмæ кæуынæй Лæг куы сфæлмæцы, Тарф у уæд йæ фынæй, – Маст æм нал хъуысы. Лыстæнмæ цæ хаста Мад йæ хъæбулты...

0/0


0/0

0/0

0/0

Скачать популярное видео

Популярное видео

0/0