Абон Булкъаты Михалы райгуырдыл æххæст кæны 95 азы

Аватар автора
IRYSTONTV
Йæ уацмыстæ - карды фындзау цыргъ, уæрæхавнæлдон æмæ арфпроблемон. Æрдзæй фидар адæймаг уыд Булкъаты Михал. Рæстæджы фыдбæллæхтæ æмæ царды зынтæй басæттæн кæмæн нæ уыд, ахæм. Æвæццæгæн, Гафез йæ рæнхъыты уый хуызæттæй загъта: "Нæ бон у асæттæн æндонау, фæлæ нын назау тасæн нæй". Журнал "Фидиуæджы" йæ фыццаг уацмыстæ мыхуыры рацыдысты 1961 азы. Ирон чиныгкæсджытæ сыл уайтагъд сæ цæст æрæвæрдтой. Радзырдтæ уыдысты сæ иуæй иннæ хуыздæр æмæ нуарджындæр. Аив литературæйы йæ уарзондæр темæ ссис нæ фыдæлты истори. Æмæ кæд гуырдзиаг æвзагыл ахуыр кодта, гуырдзиаг адæмы &хъомыл кодта, уæддæр сси ирон литературæйы классик. Михал райгуырд 1928 азы Къахеты. Уæд уым ирæттæй бирæ цард. Ахуырмæ ахæм тынг бæллыд, æмæ скъолмæ цыд сыхаг хъæуӕй, ауайын та йæм дзæвгар хъуыд - 7 километры иуырдæм. Фæстæдæр Калачы сахуыр кодта æфсæнвæндаджы инженерыл. Йæ номдзыд фыды фæдыл ацыд Булкъаты Игорь дæр. Михалы сфæлдыстады тыххæй дзурын ын зын у. Хаттæй-хатт тугхæстæгдзинад логикæйæн йæ къубал сыздухы æмæ рæстдзинадæн йæ уæз йæ бынатæй фенкъуысын кæны, зæгъгæ. Амондджын у, йæ фыдимæ иумæ бакусын ын кæй бантыст, уымӕй. О, æгæр раджы ацыд не &Булкъаты Михал. Фæлæ зынгзæрдæ фыссæджы ном цæргæйæ баззайдзæн фæлтæрты 'хсæн.

0/0


0/0

0/0

0/0