Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Алыбегты Эллӕ бабӕрӕг кодта Кировы районы скъолатӕ

Аватар автора
IRYSTONTV
Кусӕг балцы пункттӕй иу — Ставд Дурты скъола. Бындурон цалцӕг дзы рагӕй хъуыд. Фӕстаг хатт æм базылдысты 67 азы размӕ. Бæстыхай 1939 азы арæзт у. Алыбегты Эллӕ æмӕ Кировы районы сӕргълӕууӕг Елойты Алымбег ӕркастысты, ацы бонты цы куыстытæ райдыдтой, уыдонмæ. Зӕронд хъӕдын пъолтӕ æмæ къулты сæрст райхӕлдтой, цалцӕг кӕнынц уӕлхӕдзар. Куыстыты гуырахст у стыр, фӕлӕ сентябры онг хъуамæ ӕппӕт дӕр ӕххӕстгонд ӕрцӕуа. Кӕд скъола бындуронӕй цалцӕг кæнынц, уӕддӕр ахуыры процесс не &Рӕстӕгмӕ уроктӕ раивтой хъӕуы культурӕйы хӕдзармæ. Ӕдӕппӕтæй ам ис 69 ахуырдзауы. Куыстытӕ цӕуынц нацпроект "Фӕсивӕд ӕмӕ сывӕллӕттӕ"-йы фӕлгӕты. Ацы аз республикӕйы бындуронӕй сцалцӕг кӕндзысты 24 скъолайы. Ацы тӕхӕг аппаратæн разамынд дӕттын сывӕллӕттӕ чысыл тӕхӕн зонӕйы ахуыр кæнынц. Ӕнӕпилотон авиацион системӕты кълас Елхоты 3-ӕм скъолайы байгом кодтой афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы размӕ. Ӕххӕст ифтонг у. Ахуыртӕм цӕуынц астӕуккаг кълæсты, стӕй райдиан скъолайы ахуырдзаутӕ. Кæстæртæ уал аппарат ӕмбырд кӕныныл ахуыр кæнынц. Архайдзысты "Аланийы чысыл мастерты" чемпионаты. Ахуырады къабазы ахсджиаг проблемӕтыл æрдзурын, цас гӕнӕн ис, уыйас ӕргомӕй. Ам, скъолайы, Алыбегты Эллӕ фембӕлд Кировы районы педагогон ӕхсӕнадимӕ. Ахсджиаг фарстатӕй иу баст у Елхоты 1-аг скъолаимӕ. Агъуыст ис аварион уавӕры ӕмӕ ныртӕккӕ ӕхгӕд у. Ныр 2 азы ахуырдзаутӕ 2-ӕм скъолайы архайынц дыккаг сменӕйы, ӕмӕ уый у зынвадат. Бӕстыхайы бындурон цалцӕг скæнæн дæр нал ис, аразын хъӕуы ног. Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы...

0/0


0/0

0/0

0/0

Скачать популярное видео

Популярное видео

0/0