Хӕххон паддзахадон аграрон университеты ӕмбырд кӕнынц "Фермеры скъолайы" ног сезоны архайджыты

Аватар автора
IRYSTONTV
Хӕххон паддзахадон аграрон университеты ӕмбырд кӕнынц "Фермеры скъолайы" ног сезоны архайджыты. Курдиат бадӕттӕн ис университеты 26-æм мартъийы онг. Хъусджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц 2,5 мӕйы дæргъы лекцитӕ, практикӕ, экскурситӕ ӕмӕ ног æнкъарæнтæ. Проект у ӕмзонд, ӕмзӕрдӕ адӕймӕгты агурынӕн ӕмӕ иумӕйаг проекттӕ ӕххӕст кӕнынӕн ахсджиаг фæзуат. Архайджытӕн ахуыры рӕстӕг бантысдзӕн республикӕйы цалдӕр раззагдӕр аграрон куыстуаты бабӕрӕг кӕнын. "Фермеры скъолайы" рауагъдонтӕн уыдзӕн Хӕххон паддзахадон аграрон университеты зонадон бындурæй пайда кæныны фадат. Зондамонджытӕ сын кæндзысты алывӕрсыг ӕххуыс ӕмӕ профилон фарстаты фӕдыл консультацитӕ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытӕ ӕмӕ сӕ бинонты исынц конкурсы ӕдде.

0/0


0/0

0/0

0/0

Скачать популярное видео

Популярное видео

0/0