Джызæлы хистæртæ арæзтад "Долина Симд"-ы тыххæй æмбырд сарæзтой

Аватар автора
IRYSTONTV
"Долина Симд" — сахар-спутник регионы фæзындзæн, уый сбæрæг фарон. Цæрæн кварталтæ, скъолатæ, рæвдауæндæттæ, инфраструктурæйы æндæр объекттæ аразынвæнд кодтой Ногиры, фæлæ бынæттон цæрджытæ нæ разы кодтой. Симды симын кады хос у, фæзæгъынц, æмæ ногдзинад бафæлварын бафæндыд Джызæлы цæрджыты. Æмбырд сарæзтой æмæ сæ курдиат фæхæццæ кодтой сæргълæууæг Сергей Меняйломæ. Разыйы дзуапп райсыны фæстæ лыстæгдзинæдтæ сбæлвырд кодтой арæзтады министрады. Хъæуæн пайда уыдзæн, уый хистæрты дæр уырны. Суазæг æй кæнæм æмæ цы хуыздæр цæрæнфæрæзтæй хайджын уыдыстæм, зæгъгæ. "Симды дæлвæз" хъæуы фарсмæ раздæры "колхозон зæххытыл" амайынвæнд кæнынц. Æмæ сахар-спутник хъуамæ хауа Джызæлмæ. Хъуыддаг фæрæстмæ кæны, зæгъгæ, афтæ нæ ног æмбырдмæ фæхуыдтой, — дзурынц цæрджытæ. Арæзтадимæ алчи разы нæу, зæгъгæ. Ныхас куыд рауад, уымæн æвдисæн уыдысты социалон хызæгты пайдагæнджытæ. Хъæумæ бар дæр чи нæ дары, уыдон нæ сæнкъуысын кодтой, - дзурынц Джызæйлæгтæ. Хъæуы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыдон сæ хæслæвæрдтæ æмбырды размæ æххæст кæнын райдыдтой. Зæгъгæ, хæдзарæй-хæдзармæ зылдысты. Бирæтæ "Симды дæлвæз" ма фæзына, уый тыххæй сæ къухтæ æрфыстой. Хистæртæ фидарæй зæгъынц, зæгъгæ, кæрæдзийы ныхмæ скæнынвæнд сæ чи кодта, уыдонæн сæ хъуыддаг куы нæ сæххæст, уæд фæтар сты. Джызæл Цæгат Ирыстоны хъæутæн се стырдæр у. Йæ цæрджытæ алкæддæр хицæн кодтой сæ æнгомдзинад æмæ æгъдауæй. Ныр дæр зæрдæ дарæм, æнæмæнг æрцæудзысты иу хъуыдымæ, кæцы суыдзæн кæстæртæн рухс фидæнмæ фæндаг.

0/0


0/0

0/0

0/0

Скачать популярное видео

Популярное видео

0/0